14 ӕмӕ фӕндагыл, цы цаутӕ ӕрцыди, уыдоныл дзырдтой.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн. Йаковы фырттӕ, Ӕз ивгӕ нӕ кӕнын, ӕмӕ сымах дӕр уый фӕрцы нӕ фесӕфтыстут.
Раст уыцы бон ахуыргӕнинӕгтӕ дыууӕйӕ, Йерусалимӕй ӕртиссӕдз стадийы дарддӕр цы Эммаусы хъӕу уыдис, уырдӕм фӕцӕйцыдысты
Ныхас куы кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ куы дзырдтой, уӕд сӕм Йесо Йӕхӕдӕг ӕрбаввахс ӕмӕ семӕ бамбал ис.
Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хӕзнадонӕй ӕддӕмӕ хорзӕй исты рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй — фыдӕх. Уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕйы цы ис, дзыхӕй дӕр уый цӕуы.
Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут, хӕдзары бадгӕйӕ ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, хуыссӕны ӕрхуысгӕйӕ ӕмӕ хуыссӕнӕй растгӕйӕ.