13 Раст уыцы бон ахуыргӕнинӕгтӕ дыууӕйӕ, Йерусалимӕй ӕртиссӕдз стадийы дарддӕр цы Эммаусы хъӕу уыдис, уырдӕм фӕцӕйцыдысты
ӕмӕ фӕндагыл, цы цаутӕ ӕрцыди, уыдоныл дзырдтой.
ӕмӕ Йын сӕ иу, Клеопа, дзуапп радта: «Йерусалиммӕ ӕрцӕуджытӕй, ӕвӕццӕгӕн, иунӕг Ды нӕ зоныс, ацы бонты уым цы ӕрцыди, уыдӕтты тыххӕй?»