Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 23:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕмӕ, Ироды дӕлбар цы бӕстӕ ис, уырдыгӕй у, уый куы базыдта, уӕд Йесойы уымӕ арвыста — уыцы рӕстӕг Ирод дӕр Йерусалимы уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 23:7
9 Iomraidhean Croise  

Уыцы рӕстӕг тетрарх Ирод фехъуыста Йесойы кой,


Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.


Фӕлӕ Иродӕн йӕ гуырӕнбон куы уыди, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыди уазджыты раз. Ироды зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис,


Уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр Йесойы кой кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Уый Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй растад ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».


Уыцы рӕстӕг Ӕм фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Дӕхи ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ айс, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы».


Пилат уый куы фехъуыста, уӕд бафарста: «Уыцы адӕймаг галилейаг у?»


Уыцы цау ӕрцыди кесӕр Тиверийы паддзахиуӕджы фынддӕсӕймаг аз. Уӕд Понтий Пилат хицауиуӕг кодта Иудейы, Ирод — Галилейы, йе ’фсымӕр Филипп — Итурей ӕмӕ Трахониты, Лисани — Абилинийы,


Ӕппӕт уыцы цауты кой фехъуыста тетрарх Ирод ӕмӕ, цы хъуыды кӕна, уый нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ иутӕ дзырдтой, уый, дам, Иоанн мӕрдтӕй растади, зӕгъгӕ;


Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan