Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 23:51 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

51 иудейаг сахар Аримафейы цӕрӕг, ӕнхъӕлмӕ касти Хуыцауы Паддзахадмӕ. Уый разы нӕ уыди, синедрион цы уынаффӕ рахаста ӕмӕ цы сарӕзта, уыимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 23:51
13 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, фервӕзын кӕн, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ!


Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн.


Мӕ лӕппу! Тӕригъӕдджынтӕ дӕ сӕ фӕдыл куы сайой, уӕд-иу сын ды ма баком.


«Ацы адӕм сусӕгвӕнд цы хонынц, уый сымах сусӕгвӕнд ма хонут. Уыдон цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй ма тӕрсут ӕмӕ уыл тас ма бахӕцӕд.


Куы баизӕр, уӕд ӕрцыд аримафейаг хъӕздыг лӕг Йосеф. Уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди.


уымӕ гӕсгӕ синедрионы уӕнг, нымад лӕг, аримафейаг Йосеф, йӕхӕдӕг дӕр Хуыцауы Паддзахадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ касти, уый йӕ ныфс бахаста Пилатмӕ бацӕуын ӕмӕ дзы Йесойы мард ракурын.


Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.


Уый дӕр сӕм уыцы рӕстӕг бацыди, кадджын кодта Хуыцауы, Йерусалимы фервӕзтмӕ ӕнхъӕлмӕ чи касти, уыдонӕн дзырдта Йесойы тыххӕй.


Ӕмӕ загъта: «Йесо, Дӕ Паддзахадмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу мӕ ӕрымыс!»


Йосеф бацыди Пилатмӕ ӕмӕ Йесойы мард ракуырдта.


Ефремы хӕхбӕсты, Раматаим-Цофимы сахары, царди иу лӕг, ефремон, йӕ ном — Елкана. Йӕ фыд Йерохам уыди Елигуйы фырт, Елигуйы фыд Тоху — Цуфы фырт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan