Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 23:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Махӕн раст бакодтой — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ у нӕ тӕрхон, фӕлӕ уый ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 23:41
19 Iomraidhean Croise  

Менассиа уынгӕг ранмӕ куы бахауд, уӕд Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз тынг ӕрфӕсмон кодта.


Не ’взӕр хъуыддӕгты ӕмӕ стыр азымы тыххӕй нӕ кӕд Дӕ азар баййӕфта, уӕддӕр нын Ды, нӕ Хуыцау, батӕригъӕд кодтай ӕмӕ нын не ’наккаг миты бӕрц нӕ фӕдӕ.


Уыцы иу ран лӕугӕйӕ, боны цыппӕрӕм хайы дӕргъы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, Ӕгъдауы чиныг кастысты, боны иннӕ цыппӕрӕм хайы та ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ-иу бакуывтой Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн.


Ноджы ма, Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр барвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».


Пилат федта, йӕ бон саразын кӕй ницы у, уый ӕмӕ змӕст тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕны. Уӕд райста дон, адӕмы раз йӕ къухтӕ цӕхсадта ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы тугкалды аххосджын нӕ дӕн. Уӕ бар уӕхи».


ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».


Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».


Фӕлӕ йӕ иннӕ сабыр кодта: «Ау, Хуыцауӕй нӕ тӕрсыс, дӕуӕн дӕр ахӕм тӕрхон куы рахастой?


Ӕмӕ загъта: «Йесо, Дӕ Паддзахадмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу мӕ ӕрымыс!»


Ӕвдисӕнтӕ уӕхӕдӕг ӕмӕ Хуыцау: сымахмӕ, уырнджытӕм, цардыстӕм сыгъдӕгӕй, рӕстзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕнӕфауӕй.


Уӕдӕ басӕттут Хуыцауы раз, ӕрлӕуут хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн.


фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы — Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.


Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan