34 Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.
Йосефӕн, дам, зӕгъут: де ’фсымӕртӕн ныббар сӕ тӕригъӕд, сӕ азым — цы фыдми дын бакодтой, уый. Гъемӕ дӕ курӕм, ныххатыр кӕн, дӕ хорзӕхӕй, сӕ азым дӕ фыды Хуыцауы цагъартӕн». Уыцы ныхӕстӕ йын куы кодтой, уӕд Йосеф куыдта.
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Йесо ма ноджы загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй.
О Мӕ Фыд! Дӕу афтӕ бафӕндыди.
Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.
Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын Йӕ дарӕстыл хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.
«Мӕ Фыд, кӕд Дын фӕндон у, уӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхц ма бануазын кӕн. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».
Ӕз дунейы тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Ды Мын кӕй радтай, уыдоны тыххӕй кувын, уымӕн ӕмӕ Дӕу сты.
Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уый дын уӕларвӕй лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».
Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!»
Ӕниу, ме ’фсымӕртӕ, ӕз зонын, уӕ хицӕуттау сымах дӕр Йесойӕн афтӕ уымӕн бакодтат, ӕмӕ, цы ми кӕнут, уый не ’мбӕрстат.
Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.
Уе ’фхӕрджыты ӕлгъитгӕ ма кӕнут, фӕлӕ сын хорзӕх курут Хуыцауӕй.
Уыцы уӕлзонд а дунейы ӕлдариуӕггӕнджытӕй иу дӕр нӕ базыдта. Куы йӕ базыдтаиккой, уӕд кадджын Бардарӕг Йесо Чырыстийы нӕ байтыгътаиккой дзуарыл.
нӕ къӕбӕр уӕнгдыхӕй амал кӕнӕм. Ӕлгъитгӕ нӕ чи кӕны, уыдонӕн мах та Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ — мах фӕразӕм.
кӕд ӕз раздӕр фауӕг, сурӕг ӕмӕ ӕфхӕрӕг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мын Хуыцау ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ, цы ми кӕнын, уый не ’мбӕрстон — талынг ӕмӕ ӕнӕуырнӕг уыдтӕн.
Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.