30 Уӕд хӕхтӕн лӕгъстӕ кӕндзысты: „Ӕркӕлут ныл!“ — къуыбыртӕн: „Ӕрӕмбӕрзут нӕ!“
Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.
Уыцы бон алчидӕр, йӕхицӕн кӕй скодта, табу кӕмӕн кодта, уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ аппардзани куырм мыстытӕ ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн,
Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»
Уымӕн ӕмӕ, кӕд цъӕхвӕлыст бӕласӕн афтӕ кӕнынц, уӕд уагӕры хус бӕласӕн та цы бакӕндзысты?»
Ӕмӕ дзурынц хӕхтӕн ӕмӕ къӕдзӕхтӕн: «Рафӕлдӕхут ныл ӕмӕ нӕ уӕ быны бамбӕхсут паддзахы бадӕны Бадӕгӕй ӕмӕ Уӕрыччы фыдӕхӕй.
Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Мӕлӕтмӕ бӕлдзысты, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты.