27 Йесойы фӕстӕ цыди бирӕ адӕм. Се ’хсӕн уыди, сӕ риутӕ хойгӕйӕ Йыл чи хъарӕг кодта, ахӕм сылгоймӕгтӕ.
„Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ дзынӕзтат“.
Уым уыдысты ӕмӕ дардӕй кастысты, Йесойӕн лӕггад кӕнынмӕ Галилейӕ Йӕ фӕдыл чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр.
Уым уыди сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ кастысты дардӕй: се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Иосет ӕмӕ кӕстӕр Йаковы мад Мариа, стӕй Саломи.
Йесо сӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Йерусалимы чызджытӕ! Ма кӕут Мӕныл, уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл кӕут.
Йесоимӕ Галилейӕ цы сылгоймӕгтӕ ӕрбацыд, уыдон федтой, Йесойы мард куыд ӕриста Йосеф ӕмӕ йӕ зӕппадзы куыд бавӕрдта, уый.
стӕй ма, ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕстӕй кӕй фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ низтӕ кӕмӕн фӕсырдта, уыцы сылгоймӕгтӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй фӕсырдӕуыд, уыцы Мариа, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уый;
Адӕм иууылдӕр куыдтой ӕмӕ хъарӕг кодтой чызгыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут — мард нӕу, фынӕй у».
Ӕцӕг цы у, Ӕз уын уый зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах хъыг кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ хъыг раивдзӕни цинӕй.