Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 23:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 змӕст ӕмӕ тугныккалды азымимӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодтой ӕмӕ йӕм адӕм кӕй тыххӕй ныххатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта, Йесойы та сын сӕ бар бакодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 23:25
12 Iomraidhean Croise  

Уӕд сын Пилат рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Йӕ дзуарыл байтындзой.


Уӕд Пилат, адӕмы зӕрдӕ балхӕныны охыл, Вараввӕйы ахӕстонӕй рауагъта, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ радта.


Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».


ӕмӕ Пилат хъуыддаг аскъуыддзаг кодта, уыдон куыд домдтой, афтӕ:


Йесойы марынмӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд фӕссахарӕй иу киренӕйаг лӕг ӕрбацӕйцыди, йӕ ном — Симон. Баурӕдтой йӕ ӕмӕ йын Йесойы фӕдыл дзуар йе ’ккойыл фӕхӕссын кодтой.


Фӕлӕ уыдон уӕддӕр нӕ састысты: «Уый ӕгас Иудейы Йӕ ахуырадӕй адӕмы змӕнты. Райдыдта Галилейӕ ӕмӕ ныр ардӕм ӕрбахӕццӕ».


Фӕлӕ уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Уый — нӕ! Вараввӕйы рауадз!» Уыцы Вараввӕ та абырӕг уыди.


Ӕппынфӕстаг Пилат сразы ис семӕ ӕмӕ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмӕ. Ӕмӕ Йесойы акодтой.


Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат ӕмӕ бахатыдыстут, цӕмӕй уын суӕгъд кӕной лӕгмары,


Гъемӕ мӕнӕ, кӕй равзӕрстат, уыцы паддзах. Паддзах куырдтат, ӕмӕ уын ӕй Дунедарӕг сӕвӕрдта уӕ сӕргъы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan