24 ӕмӕ Пилат хъуыддаг аскъуыддзаг кодта, уыдон куыд домдтой, афтӕ:
Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн.
Ӕнӕхуыцауы раст чи кӕны, рӕстуды — азымджын, иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕджы раз — ӕлгъаг.
Уӕд сын Пилат рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Йӕ дзуарыл байтындзой.
Уӕд Пилат, адӕмы зӕрдӕ балхӕныны охыл, Вараввӕйы ахӕстонӕй рауагъта, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ радта.
Фӕлӕ адӕм уӕддӕр хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кодтой ӕмӕ домдтой Йесойы байтындзын. Пилаты басастой сӕ хъӕрӕй,
змӕст ӕмӕ тугныккалды азымимӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодтой ӕмӕ йӕм адӕм кӕй тыххӕй ныххатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта, Йесойы та сын сӕ бар бакодта.
Уӕд Пилат Йесойы ехсӕй фӕнӕмын кодта.