23 Фӕлӕ адӕм уӕддӕр хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кодтой ӕмӕ домдтой Йесойы байтындзын. Пилаты басастой сӕ хъӕрӕй,
Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.
Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.
Фӕлӕ Петр ноджы ныфсджындӕрӕй дзырдта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕд дӕр Дыл ӕз мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕтӕ дӕр.
Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕры ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕты аккаг цы у, ахӕмӕй Йӕм ӕз ницы ссардтон. Ехсӕй Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн».
ӕмӕ Пилат хъуыддаг аскъуыддзаг кодта, уыдон куыд домдтой, афтӕ:
Фӕлӕ уыдон уӕддӕр нӕ састысты: «Уый ӕгас Иудейы Йӕ ахуырадӕй адӕмы змӕнты. Райдыдта Галилейӕ ӕмӕ ныр ардӕм ӕрбахӕццӕ».