Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 23:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕры ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕты аккаг цы у, ахӕмӕй Йӕм ӕз ницы ссардтон. Ехсӕй Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 23:22
8 Iomraidhean Croise  

Загъта сын: «Сымах мӕм ӕрбакодтат ацы адӕймаджы, Уый адӕмы змӕнты, зӕгъгӕ. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг ӕмӕ Йӕм, цы фыдракӕндты Йӕ азымджын кӕнут, ахӕмӕй ницы ссардтон.


Ӕз Ӕй ехсӕй фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ ахӕстонӕй рауадздзынӕн».


Пилат адӕмимӕ ногӕй ныхас кӕнын райдыдта — Йесойы куы рауагътаид, уый йӕ фӕндыди.


Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!»


Фӕлӕ адӕм уӕддӕр хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кодтой ӕмӕ домдтой Йесойы байтындзын. Пилаты басастой сӕ хъӕрӕй,


Пилат хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы азым арын».


фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы — Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan