17 [Бӕрӕгбоны тыххӕй Пилатӕн ӕмбӕлди иу ахӕсты суӕгъд кӕнын.]
Бӕстыхицаумӕ уыдис ахӕм ӕгъдау: бӕрӕгбоны-иу суӕгъд кодта, адӕмы-иу кӕй бафӕндыдис, иу ахӕм ахӕсты.
Пилат-иу алы бӕрӕгбоны дӕр, адӕмы курдиатмӕ гӕсгӕ, иу ахӕсты ссӕрибар кодта.
Ӕз Ӕй ехсӕй фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ ахӕстонӕй рауадздзынӕн».
Фӕлӕ адӕм ӕмхуызонӕй хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!»
Сымахмӕ ис ӕгъдау, цӕмӕй уын Куадзӕны иу ахст адӕймаджы ахӕстонӕй ссӕрибар кӕнон. Фӕнды уӕ, ӕмӕ уын иудейаг Паддзахы рауадзон?»