15 Ирод дӕр Ӕм ницы азым ссардта ӕмӕ нӕм Ӕй фӕстӕмӕ раздӕхта. Куыд уынут, афтӕмӕй, мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй раттӕм, ахӕмӕй ницы сарӕзта.
Стыр хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ Даниилмӕ сӕ хъус дардтой: паддзахады ныхмӕ исты фыдракӕнд кӕд сараздзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй йӕ фӕазымджын кӕной. Фӕлӕ Даниил уыдис иузӕрдион йӕ паддзахыл, ӕмӕ йӕм сӕ бон исты аипп ссарын нӕ уыди.
Уыцы рӕстӕг тетрарх Ирод фехъуыста Йесойы кой,
Фӕлӕ Ирод загъта: «Иоаннӕн ӕз йӕ сӕр куы акъуырдтон, уӕд уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй хъусын, Уый та чи у?» Ӕмӕ архайдта Йесойы феныныл.