Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 23:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Загъта сын: «Сымах мӕм ӕрбакодтат ацы адӕймаджы, Уый адӕмы змӕнты, зӕгъгӕ. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг ӕмӕ Йӕм, цы фыдракӕндты Йӕ азымджын кӕнут, ахӕмӕй ницы ссардтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 23:14
10 Iomraidhean Croise  

Стыр хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ Даниилмӕ сӕ хъус дардтой: паддзахады ныхмӕ исты фыдракӕнд кӕд сараздзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй йӕ фӕазымджын кӕной. Фӕлӕ Даниил уыдис иузӕрдион йӕ паддзахыл, ӕмӕ йӕм сӕ бон исты аипп ссарын нӕ уыди.


Ноджы ма, Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр барвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».


Пилат федта, йӕ бон саразын кӕй ницы у, уый ӕмӕ змӕст тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕны. Уӕд райста дон, адӕмы раз йӕ къухтӕ цӕхсадта ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы тугкалды аххосджын нӕ дӕн. Уӕ бар уӕхи».


ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».


Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».


Мӕлӕты аккаг азым Ӕм не ссардтой, фӕлӕ уӕддӕр Пилатӕй куырдтой Йӕ амарын.


Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы Дзырдмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.


Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan