13 Пилат фӕсидти хистӕр сауджынтӕм, хицӕуттӕм ӕмӕ адӕммӕ.
Пилат сын загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!»
Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты, сӕ хицӕуттӕ та Йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд».
Нӕ хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Йын нӕ хицӕуттӕ марыны тӕрхон рахӕссын кодтой, ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой.
Ӕниу, Йесойыл суанг хицӕуттӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты, фӕлӕ сӕ фарисейтӕ синагогӕйӕ куы фӕхицӕн кӕной, уымӕй тӕрсгӕйӕ, сӕхи нӕ хъӕр кодтой.
Пилат Ӕй бафарста: «Цы у ӕцӕгад?» Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Пилат ногӕй рацыд иудейӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Ӕм ницы азым арын.
Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый».
Фарисейты ӕхсӕн уыдис иу адӕймаг, йӕ ном — Никодим, иудейаг хицӕуттӕй иу.
Мӕнӕ ӕргомӕй адӕмимӕ ныхас кӕны, ӕмӕ Йын ничи ницы зӕгъы. Кӕд, мыййаг, хицӕуттӕ бӕлвырд базыдтой, Чырысти кӕй у, уый?
Хицӕуттӕй кӕнӕ Йыл фарисейтӕй исчи баууӕндыди, мыййаг?
Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой ӕмӕ, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой. Сӕххӕст сӕ кодтой, мӕлӕты тӕрхон Ын кӕй рахастой, уымӕй.
Ӕниу, ме ’фсымӕртӕ, ӕз зонын, уӕ хицӕуттау сымах дӕр Йесойӕн афтӕ уымӕн бакодтат, ӕмӕ, цы ми кӕнут, уый не ’мбӕрстат.
Дыккаг бон Йерусалимы ӕрӕмбырд сты иудейаг хицӕуттӕ, хистӕртӕ, динамонджытӕ,
Уӕд Петр Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй загъта: «Адӕмы хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕртӕ!