Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 23:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыдысты уым ӕмӕ карзӕй дзырдтой Йӕ ныхмӕ, азымджын Ӕй кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 23:10
8 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ зылын кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.


Йесо уырдыгӕй куы ацыд, уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой Йӕ ныхмӕ дзурын ӕмӕ Йӕ фӕрстыты бын ныккодтой —


Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста.


Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».


Фӕлӕ уыдон уӕддӕр нӕ састысты: «Уый ӕгас Иудейы Йӕ ахуырадӕй адӕмы змӕнты. Райдыдта Галилейӕ ӕмӕ ныр ардӕм ӕрбахӕццӕ».


Бирӕ цӕмӕйдӕрты Йӕ фарста, фӕлӕ йын Йесо ницы дзуапп лӕвӕрдта.


Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у емынӕйӕ фыддӕр, ӕппӕт дунейы иудейӕгты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan