53 Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух дӕр нӕ андзӕвыди. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг у — талынг хицауиуӕг кӕны».
ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?
Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»
Ахсынмӕ Йӕм чи ӕрбацыд, уыцы хистӕр сауджынтӕн, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттӕн ӕмӕ адӕмы хистӕртӕн та Йесо загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы ӕрбацыдыстут.
Уыйадыл Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ акодтой алчеры хӕдзармӕ. Петр дӕрддзӕфгомау цыди сӕ фӕдыл.
Ныр Мӕ уд стыр катайы бацыд, фӕлӕ Ӕз афтӕ куыд хъуамӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй“, кӕд ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй ӕрцыдтӕн?
Иудӕ къӕбӕр куы райста, уӕд уайтагъд дуары ӕдде фӕци. Уыдис ӕхсӕв.
Уемӕ Мын бирӕ дзурыны рӕстӕг нал ис, уымӕн ӕмӕ ӕрбаввахс ис ацы дунейы ӕлдар. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы,
Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Хъахъхъӕнджытӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд сӕ алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ бафарстой: «Цӕуылнӕ Йӕ ӕрбакодтат?»
цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.
Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы ӕлдӕртты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг монты ныхмӕ.
Уый мах фервӕзын кодта талынджы уацарӕй ӕмӕ нӕ бакодта Йӕ уарзон Фырты Паддзахадмӕ —