40 Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын Йесо загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат».
Иавец Израилы Хуыцаумӕ скуывта: «Тӕхуды, ахӕм арфӕ мын куы ракӕнис ӕмӕ мын мӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр куы скӕнис! Дӕ арм мыл куы дарис, фыдбылызӕй мӕ куы бахизис, цӕмӕй хъизӕмарӕй ма мӕлон!» Ӕмӕ йын Хуыцау сӕххӕст кодта йӕ курдиат.
Ӕрбалвӕстой мӕ мӕлӕты рӕхыстӕ, ныккалдысты мыл фыдӕхы гуылфӕнтӕ,
Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.
Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ. Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй“».
Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат».
Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут.
Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.