4 Ӕмӕ Иудӕ ацыди Йесойы ауӕй кӕныны тыххӕй хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттимӕ баныхас кӕнынмӕ.
Азариа, Хуыцауы хӕдзары хицау, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Хилкиа, Мешуллам, Цадок, Мерайот, Ахитув;
Серай, Хилкиайы фырт, Мешулламы фырт, Цадокы фырт, Мерайоты фырт, Ахитувы фырт, хицауиуӕг кодта Хуыцауы галуаны,
Уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, ацыди алчертӕм
Уыдон бацин кодтой ӕмӕ йын ӕхцайӕ ныфс бавӕрдтой.
Ахсынмӕ Йӕм чи ӕрбацыд, уыцы хистӕр сауджынтӕн, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттӕн ӕмӕ адӕмы хистӕртӕн та Йесо загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы ӕрбацыдыстут.
Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрбацыдысты сауджынтӕ, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ саддукейтӕ.
Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты — цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.
Уӕд хъахъхъӕнджыты хицау йӕ дӕлбартимӕ ацыд ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой ӕнӕ схуыстытӕй, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм сыл апостолты тыххӕй дурадзагъдӕй куы ралӕууой, уымӕй.