Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 22:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Уӕд сын загъта: «Ныр та уӕ ӕхцайы чыссӕ кӕмӕ ис, уый йӕ йемӕ айсӕд; хордзен кӕмӕ ис, уый дӕр ӕй айсӕд йемӕ. Ӕхца кӕмӕ нӕй, уый та йӕ пӕлӕз ауӕй кӕнӕд ӕмӕ кард балхӕнӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 22:36
10 Iomraidhean Croise  

нӕдӕр хордзен, нӕдӕр ивӕн дарӕс, нӕдӕр дзабыртӕ, нӕдӕр лӕдзӕг. Уымӕн ӕмӕ кусӕг уый аккаг у, цӕмӕй йын къӕбӕр бахӕрын кӕной.


Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы чыссӕйӕ, ӕнӕ хордзенӕй ӕмӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй фӕндагыл куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат, мыййаг?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».


Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд“. Мӕн тыххӕй цы фыст ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕни».


Уӕд Ын уыдон загътой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ карды». Уый сын загъта: «Фаг сты!»


Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхас уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу“. Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.


Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».


куы уӕм уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, кӕй нӕ ӕфхӕрдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый ныр уӕхӕдӕг уынут.


Чырысти буарӕй хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр Йӕ цӕстӕй кӕсут хъизӕмӕрттӕм ӕмӕ уымӕй ифтонг кӕнут уӕхи, уымӕн ӕмӕ буарӕй хъизӕмаргӕнӕг тӕригъӕды нал цӕуы —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan