Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 22:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы чыссӕйӕ, ӕнӕ хордзенӕй ӕмӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй фӕндагыл куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат, мыййаг?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 22:35
16 Iomraidhean Croise  

Уемӕ фӕндагмӕ ма райсут нӕдӕр ӕхцайы чыссӕ, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй салам дӕттынмӕ дӕр макӕмӕ ӕрлӕуут.


Бафӕдзӕхста сын: «Мацы райсут фӕндагмӕ — нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр хойраг, нӕдӕр ӕхца, нӕдӕр ивӕн дарӕс.


Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.


Давиды псалом. Зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон, дун-дуне ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджытӕ Дунедарӕджы исбон сты.


Уӕ фыдӕлтӕ кӕй никуы зыдтой, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕг скӕна, бафӕлвара уӕ ӕмӕ уын уый фӕстӕ хорздзинад ракӕна.


Ӕмӕ Израил Йосефӕн раарфӕ кодта: «Мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаак коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты, мӕ райгуырдӕй нырмӕ мын Фыййау цы Хуыцау у —


Фӕлӕ йын Йесо афтӕ: «Зӕгъын дын, Петр, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты дӕхи атигъ кӕндзынӕ, ӕз Ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ».


Уӕд сын загъта: «Ныр та уӕ ӕхцайы чыссӕ кӕмӕ ис, уый йӕ йемӕ айсӕд; хордзен кӕмӕ ис, уый дӕр ӕй айсӕд йемӕ. Ӕхца кӕмӕ нӕй, уый та йӕ пӕлӕз ауӕй кӕнӕд ӕмӕ кард балхӕнӕд.


Фараон ӕй бафарста: «Исты хъуаг мӕм ӕййафыс, мыййаг? Цӕмӕн дӕ фӕнды дӕ фыдызӕхмӕ ацӕуын?» Хадад ын дзуапп радта: «Ӕз хъуаг ницӕмӕй ӕййафын, фӕлӕ дӕ уӕддӕр курын, ауадз мӕ».


Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Бирӕ чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕ уӕлдай нӕ уыди, къаддӕр чи ӕрӕмбырд кодта, уый та хъуаг не ’ййӕфта».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan