Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 22:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй уӕ, мӕнӕу зыгуымӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, уыйау дымгӕмӕ ныддара!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 22:31
13 Iomraidhean Croise  

Хортӕ та, куыннӕ ныцъцъӕл, куыннӕ ныммур уой, афтӕ сӕ банай кӕнынц, чъеурийы цӕлхытыл бӕхтӕ баифтындзынц, афтӕмӕй.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, ӕмӕ Израилы адӕмы, мӕнӕу сыхырнайы куыд балуарынц, афтӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзысты, ӕмӕ дзы иу дур дӕр нӕ ахиздзӕн.


Уый фӕстӕ мын фенын кодта стыр алчер Йешуайы. Уый лӕууыди Дунедарӕджы зӕды бакомкоммӕ. Йешуайӕн йӕ рахизфарс лӕууыд сайтан, йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн.


Стӕй азарыдысты арфӕйы зарджытӕ ӕмӕ ацыдысты Елеоны хохмӕ.


Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».


Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды бирӕ цӕуылдӕртыл мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс,


Савл ӕрхауди зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?»


бакӕнӕм сайтаны бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Бардарӕг тӕрхон куы кӕна, уыцы Бон.


цӕмӕй нын сайтан зиан ма ӕрхӕсса — йӕ фыдвӕндтӕ нын зындгонд сты.


Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.


Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста, ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan