30 цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.
Мӕ бардарӕг, паддзах, дӕуӕн дӕ бон уыди, ӕмӕ мын мӕ фыды хӕдзарвӕндаг ӕгасӕй дӕр ныццӕгъдай, фӕлӕ ды дӕ цагъары демӕ ӕмвынг скодтай! Уӕд ма ӕз цы цӕсгомӕй хъаст кӕнон паддзахӕн?»
Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ кадджын паддзахы бадӕны куы ӕрбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, дыууадӕс бадӕныл ӕрбаддзыстут ӕмӕ Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕндзыстут.
Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.
Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты.
Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.
Уый фехъусгӕйӕ, уазджытӕй иу Йесойӕн загъта: «Тӕхудиаг у, Хуыцауы Паддзахады фынгыл минас чи кӕна, уый!»
Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд паддзахиуӕг дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.
Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.
Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».
Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.
Паддзахы бадӕны алыварс — цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та — сыгъзӕрин кады худтӕ.