3 Сайтан бацыди дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иуы, Искариот кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы мидӕг.
Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.
Симон Кананит ӕмӕ Иудӕ Искариот — Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый.
Йесо сын дзуапп радта: «Цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи атылдта, уый Мӕ ауӕй кӕндзӕн.
Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».
Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады.
Йаковы фырт Иудӕйы ӕмӕ, Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уыцы Иудӕ Искариоты.
Иудӕ афтӕ, мӕгуыртыл кӕй тыхсти, уый тыххӕй нӕ загъта, фӕлӕ, давӕг кӕй уыд, уымӕн: ӕхцайы лагъз уымӕ уыди, ӕмӕ-иу дзы цы нывӕрдтой, уымӕй-иу фелвӕста йӕхицӕн.
Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.
Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг Иудӕйы, Симон Искариоты фырты, Йесойы ауӕй кӕныныл сардыдта.
Петр ын загъта: «Ананиа, сайтаны дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай — Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай?