26 Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ, уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, барджындӕр чи у, уый та — лӕггадгӕнӕгау.
Сымах ӕхсӕн та афтӕ ма уӕд: уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг;
Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый иннӕтӕн уӕд лӕггадгӕнӕг;
Уӕд Йесо ӕрбадти, дыууадӕсмӕ дӕр фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд ӕппӕты фӕстаг ӕмӕ лӕггад кӕнӕд алкӕмӕн дӕр».
ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл, Мӕ сӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ, ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд; Мӕныл ӕнувыд чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у ӕнувыд. Уе ’хсӕн ӕппӕты къаддӕр чи у, уый у уе ’ппӕты стырдӕр».
Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын — Хуыцауӕн ӕхцон цы у, хорз цы у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.
Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг.
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».