2 Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, ахӕм ӕфсон Йесойы амарынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тарстысты.
Уӕд фарисейтӕ рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый тыххӕй. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта ӕмӕ Йӕхи айста уырдыгӕй.
Фӕлӕ йын ӕххуырст кусджытӕ йӕ фырты куы ауыдтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай йӕ бындар у. Амарӕм ӕй ӕмӕ йын йӕ бынтӕ нӕхи бакӕнӕм“.
«Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты дзуарыл байтындздзысты».
Дыууӕ боны фӕстӕ хъуамӕ уыдаид Куадзӕн ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой Йесойыл хинӕй рацӕуыны ӕмӕ Йӕ амарыны фадат
Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ тӕккӕ уыцы сахат бӕргӕ ӕрцахстаиккой, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты.
Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ та бардзырд радтой: Йесо кӕм ис, уый исчи куы базона, уӕд сын фехъусын кӕнӕд, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой.
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,