Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 22:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Зӕгъын уын, Ӕз сӕнӕфсиры сӕнӕй нал фӕхъӕстӕ уыдзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 22:18
22 Iomraidhean Croise  

«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».


— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕппӕт адӕмтӕн Сионы хохыл куывд скӕндзӕн. Фынгтӕ зӕхмӕ тасдзысты алы минасӕй, дзидзайы нард, стӕджы магъз ӕмӕ сӕны дзӕбӕхӕй.


«Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.


Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау байдзаг уыдзысты сӕнӕй.


О, куыд хорз ӕмӕ куыд рӕсугъд уыдзысты! Хорӕй дидинӕг скалдзысты лӕппутӕ, ног сӕнӕй — чызджытӕ!


Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.


Зӕгъын уын, амӕй фӕстӕмӕ нал бануаздзынӕн ацы сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Мӕ Фыды Паддзахады уемӕ ног сӕн бануазон, уӕдмӕ».


Уый фӕстӕ райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй, ӕмӕ дзы се ’ппӕт дӕр бануӕзтой.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, сӕнӕфсиры сӕнӕй нал бануаздзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахады ног сӕнӕй бануазон, уӕдмӕ».


Ӕмӕ Йын сӕн лӕвӕрдтой смирнӕимӕ хӕццӕйӕ, фӕлӕ йӕ Уый нӕ бакуымдта.


Загъта ма сын: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад хъомысджынӕй ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ».


Уӕдӕ сымах дӕр ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрӕввахс ис, уый.


Зӕгъын уын: нал бахӕрдзынӕн Куадзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».


Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад феной, уӕдмӕ».


Уый мах фервӕзын кодта талынджы уацарӕй ӕмӕ нӕ бакодта Йӕ уарзон Фырты Паддзахадмӕ —


Фӕлӕ сын загъта: «Ӕмӕ мӕ сӕн та? Уый хъӕлдзӕг кӕны хуыцӕутты ӕмӕ адӕмы. Ау, мауал сын ӕй дӕттон? Ӕрмӕстдӕр, цӕмӕй иннӕ бӕлӕстӕй фӕуӕлдӕр уон, уый тыххӕй?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan