Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 22:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Зӕгъын уын: нал бахӕрдзынӕн Куадзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 22:16
11 Iomraidhean Croise  

Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.


Уый фехъусгӕйӕ, уазджытӕй иу Йесойӕн загъта: «Тӕхудиаг у, Хуыцауы Паддзахады фынгыл минас чи кӕна, уый!»


Ӕмӕ сын загъта: «Тынг Мӕ фӕндыд Мӕ хъизӕмары размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын.


Зӕгъын уын, Ӕз сӕнӕфсиры сӕнӕй нал фӕхъӕстӕ уыдзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».


цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.


Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».


Ӕрмӕст ӕппӕт адӕммӕ нӕ, фӕлӕ махмӕ — Хуыцау раздӕр кӕй сӕвзӕрста, Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уый фӕстӕ Йемӕ чи хордта ӕмӕ нуӕзта, уыцы ӕвдисӕнтӕм.


Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan