Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 22:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уый уын уӕллаг уӕладзыджы стыр ӕфснайд уатмӕ бацамондзӕн, ӕмӕ-иу уым ӕрӕвӕрут фынг».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 22:12
7 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ-иу хӕдзары хицауӕн зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг фӕрсы: Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн кӕм хӕрдзынӕн, уыцы уат Мын кӕм ӕрцӕттӕ кодтай?“


Уыдон ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр, Йесо сын куыд загъта, афтӕмӕй баййӕфтой ӕмӕ ӕрӕвӕрдтой Куадзӕны фынг.


ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи исты загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд — йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.


Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.


Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд уӕллаг уатмӕ ссыдысты ӕмӕ уым баззадысты — Петр ӕмӕ Иоанн, Йаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Йаков, Симон Зилот ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иудӕ.


Кӕм ӕрӕмбырд стӕм, уыцы уӕллаг уаты сыгъди бирӕ цырӕгътӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan