7 Уӕд Ӕй бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, ӕмӕ се ’рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?»
Уыдонӕй иу, гӕн хъуымацӕй дарӕсы доны сӕрмӕ чи лӕууыд, уый, бафарста: «Ӕмӕ уыцы диссӕгтӕн сӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?»
Ӕз ӕм хъуыстон, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ не ’мбӕрстон ӕмӕ сдзырдтон: «Мӕ хицау! Ӕппӕт уыдӕттӕн сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?»
Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Елеоны хохмӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ хибарӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд уыдзӕн, стӕй цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис Де ’рцыды афон ӕмӕ, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый?»
Кӕм не ’мбӕлы, уым „ӕлгъаг заууат“ куы фенат (ацы ныхӕстӕ чи кӕсы, уый сӕ йӕхӕдӕг бамбарӕд), уӕд, Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕн, афтӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты.
«Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг ӕмӕ, ам, цы уынут, уыдонӕй дур дурыл нал баззайдзӕн, иууылдӕр ныппырх уыдзысты».
Йесо сын загъта: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты Мӕ номӕй ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“ ӕмӕ „Афон ӕрцыд“. Ма-иу ацӕут сӕ фӕдыл.