Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 21:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Уӕдӕ иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 21:36
34 Iomraidhean Croise  

Исты йӕ уд Ӕппӕтхъомысыл лӕууы, Хуыцаумӕ у йе скаст кӕддӕриддӕр?


Фыдгӕнӕг не сраст уыдзӕни тӕрхоны, тӕригъӕдджын — рӕстудты ӕхсӕн.


„Уӕ фыдӕл Йонадавы ныхасмӕ кӕй байхъуыстат ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнут, уый тыххӕй, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, — Рехавы фырт Ионадавы байзӕддӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕггад кӕндзысты Мӕ разы“».


Йе ’рцыды бон куы ралӕууа, уӕд чи бафӕраздзӕн? Уый куы фӕзына, уӕд чи нӕ фӕцуддзӕн? Уый у згъӕртайынгӕнӕн пецы арт, сыгъдӕггӕнӕг фӕныкдон.


Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.


Сымах зонут: хӕдзары хицау, хуыснӕг ӕм кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд фынӕй дӕр нӕ бакӕнид ӕмӕ йӕ къуымтӕ фӕкъахын дӕр нӕ бауадзид.


Уӕдӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕнис Адӕймаджы Фырт.


Уӕдӕ ӕдзухдӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр уыцы бон, нӕдӕр уыцы сахат [Адӕймаджы Фырт кӕд ӕрцӕудзӕни].


Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат. Уд фидар у, буар та — ӕдых».


Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».


Уӕдӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕни, уый нӕ зонут.


Сымахӕн цы зӕгъын, уый алкӕмӕ дӕр хауы: уӕхи цӕттӕ дарут!»


Зӕд ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Гавриил, Хуыцауы раз лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ дӕм уымӕн ӕрвыст дӕн, цӕмӕй дын ацы цины уац фехъусын кӕнон.


Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:


Ӕрцӕуинаг дунейы цӕрыны аккаг чи суа ӕмӕ мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон та нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты.


Уымӕн ӕмӕ уый къӕппӕгау ӕрцахсдзӕнис ӕппӕт зӕххон цӕрджыты.


Йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ нымадта Хуыцауы ӕмӕ Дзы тарсти, мӕгуыр адӕмӕн бирӕ ӕххуыс кодта ӕмӕ иудадзыг куывта Хуыцаумӕ.


Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.


Мах зонӕм: Бардарӕг Йесойы Чи райгас кодта, Уый мах дӕр Йесоимӕ райгас кӕндзӕни ӕмӕ нӕ Йӕ разы ӕрлӕууын кӕндзӕни уӕ фарсмӕ.


Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.


Фӕлӕ дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс Фарны Уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст.


Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут.


Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.


Уӕдӕ, мӕ хуртӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ’рцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ.


Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у,


Уыдон сты, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы раз чи лӕууы, уыцы дыууӕ оливӕ бӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны.


Ралӕууыди Сӕ азары стыр бон, ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»


Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уый бӕрц дзыллӕ — алы адӕмыхӕттытӕ, алы мыггаг, алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй; сӕ уӕлӕ — урс-урсид дарӕс, сӕ къухы — пальмӕйы къалиутӕ. Уыдон лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз


Ӕмӕ ӕз федтон Хуыцауы раз лӕууӕг авд зӕды; уыдонмӕ лӕвӕрд ӕрцыд авд сыкъауадындзы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan