25 Хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл ӕнахуыр диссӕгтӕ уындзысты, зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, абухгӕ денджызы уынӕрӕй сӕргой фӕуыдзысты.
Тасӕфтауӕг у Бӕрзӕндтыл Бадӕг Хуыцау — ӕгас зӕххы Стыр Паддзах!
Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ нал ратдзысты сӕ рухс. Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара, афтӕ ахуысдзӕн, мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн.
О, додой! Дзыллӕты уынӕр хъуысы! Денджызы абухынау — сӕ хъӕр. Ӕмбу кӕнынц знӕт фурды уылӕнтау.
Мӕй ныссырх уыдзӕн ӕмӕ хур къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл, Йерусалимы, ӕмӕ Йӕ кад адӕмы хистӕртӕн раргом кӕндзӕн.
Уыцы бон сӕ рыхын уыдзӕни денджызы рыхынау. Зӕххыл йӕ цӕст чи ахӕсса, уый фендзӕни саудалынг ӕмӕ фыдох, сау мигътӕй рухсы цъыртт нал зындзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, денджыз Чи сызмӕнты, Чи йӕ сабухын кӕны, Уый. Уӕларвӕфсады Бардарӕг — Мӕ ном.
Кӕсын зӕхмӕ — сафтид ис бынтондӕр, скастӕн арвмӕ — рухсы цъыртт дзы нӕй.
Уыцы рӕстӕджы фӕзындзӕни хъомысджын хицау Михаел ӕмӕ дӕ адӕмы сӕрыл растдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕнис, адӕмы сфӕлдыстӕй абоны онг чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕвзарӕн дуг. Уыцы заман дӕ адӕмӕй царды чиныджы фыст чи разына, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты.
Хуыздӕр сӕ чи у, уый дӕр — какон сындз, сӕ рӕстдзинад — сындзджын кауӕй фыддӕр. Фӕлӕ мӕнӕ, Дӕ пехуымпартӕ цы бонӕй дзырдтой, уый ӕрхӕццӕ кӕны, Дӕ тӕрхоны бон ӕрбаввахс ис, ӕмӕ ныр сӕмтъеры уыдзысты.
Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.
Ӕхсӕз сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ӕмӕ афтӕ ахаста фараст сахаты онг.
Уӕд, уыцы бӕллӕхты фӕстӕ, „хур аныгуылдзӕн ӕмӕ мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс,
Уӕд „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.
Ӕхсӕзӕм сахат куы ралӕууыди, уӕд бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ис, ӕмӕ афтӕ ахаста суанг фарӕстӕм сахаты онг.
Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.
Адӕм ӕрцӕуинаг бӕллӕхты тасӕй зӕрдӕдзӕф кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ нынкъуысдзысты уӕларвон тыхтӕ.
Равдисдзынӕн диссӕгтӕ уӕле, арвыл, ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ бынӕй, зӕххыл: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ.
Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.