Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 21:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ӕмӕ Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Йерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алфамбылай чи уа, уыдон та йӕм ма бацӕуӕнт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 21:21
13 Iomraidhean Croise  

Куы сӕ ракодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд сӕфыс!»


Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕххы цӕджындз фестад.


Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.


Вавилоны паддзах Навуходоносор ацы бӕстӕйы ныхмӕ куы схӕцыд, уӕд мах сфӕнд кодтам халдейӕгты ӕмӕ арамейӕгты ӕфсӕдтӕй Йерусалиммӕ фӕлидзын ӕмӕ ныр цӕрӕм Йерусалимы».


уӕд Йеремиа рацыди Йерусалимӕй, цӕмӕй Бениамины зӕхмӕ ацӕуа, адӕмы ’хсӕн фӕуа ӕмӕ афтӕмӕй сахарӕй ралидза.


Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!


ӕмӕ загъта дзыллӕйӕн: «Дард ацӕут ацы ӕнаккӕгты цатыртӕй ӕмӕ сын сӕ дзаумайӕ дӕр мацӕмӕ бавналут, кӕннод сӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах дӕр бабын уыдзыстут».


Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


уӕд, Иудейы чи уа, уыдон ӕвӕстиатӕй лидзӕнт хӕхтӕм.


Уӕлхӕдзар чи уа, уый уырдыгӕй йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал ӕрхизӕд;


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan