Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 21:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 фӕлӕ уӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 21:18
7 Iomraidhean Croise  

Сылгоймаг загъта: «Паддзах ард бахӕрӕд Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы раз, тугисджытӕ ноджы стырдӕр бӕллӕх кӕй нӕ сараздзысты, мӕ фырты мын кӕй нӕ амардзысты, уый тыххӕй». Паддзах ын дзуапп радта: «Дунедарӕгӕй дын ард хӕрын, дӕ фырты сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн».


Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты.


Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах сырддонцъиутӕй бирӕ зынаргъдӕр стут.


Мӕн тыххӕй алкӕмӕн дӕр ӕнӕуынон суыдзыстут,


Уымӕ гӕсгӕ уӕм хатын, цӕмӕй бахӕрат — уый ахъаз уыдзӕни уӕ фервӕзынӕн. Иу ӕрду дӕр уӕ никӕй сӕрӕй фӕхъӕудзӕн».


Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Ау, Ионатан хъуамӕ амӕла, Израилӕн ахӕм стыр уӕлахиз чи ӕрхаста, уый? Тобӕ зӕгъ! Сомы кӕнӕм Дунедарӕгӕй, йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын абон Хуыцау радта уыцы уӕлахиз». Афтӕмӕй адӕм фервӕзын кодтой Ионатаны: йӕ сӕры хыгъдмӕ ӕрхастой нывонд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззади.


Исчи дӕ фӕдыл куы зила ӕмӕ дӕ марынмӕ куы хъава, уӕд дӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зынаргъ дурау бахъахъхъӕндзӕн ме ’лдары уд, де знӕгты удтӕ та дын дурӕхсӕнӕй ӕхсӕгау фехсдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan