13 Уӕд уын уыдзӕни Мӕн тыххӕй дзурыны фадат.
Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Иудӕ агуырдта Йесойы сын сӕ къухтӕм раттыны фадат.
Фӕнды мӕ, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз цы уавӕры бахаудтӕн, уый кӕй фӕахъаз Фарны Уац парахатдӕрӕй хъусын кӕнынӕн;
ӕмӕ ӕппындӕр уӕ ныхмӕлӕуджытӕй кӕй нӕ тӕрсут. Хуыцау сын уе ’хсары руаджы равдисдзӕн: уыдон фесӕфдзысты, сымах та фервӕздзыстут.
Уӕ уавӕр ӕвдисӕн у, Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕй ралӕудзӕнис, уымӕн, ӕмӕ сымах нымад ӕрцӕудзыстут, хъизӕмар кӕй сӕраппонд кӕнут, Хуыцауы уыцы Паддзахады аккагыл.