Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 21:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Загъта ма сын: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕйы ныхмӕ, паддзахад — паддзахады ныхмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 21:10
12 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.


Уыцы бон Дунедарӕджы фӕндӕй адӕмтӕ сызнӕт уыдзысты, кӕрӕдзимӕ лӕбурдзысты, алчи йӕ хионыл дӕр нал ауӕрддзӕн.


Иу адӕм сыстдзӕнис иннӕйы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад — паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ, стонг заман скӕндзӕнис. Ӕппӕт уыдӕттӕ, сылгоймаг аргӕ-арын цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзары, уый ӕнгӕс сты.


Уыдзӕни стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ранӕй-рӕтты — стонг ӕмӕ фыдрынтӕ. Зӕххыл цӕудзӕн ӕвирхъау цаутӕ, стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ раргом уыдзӕн уӕларвӕй.


Хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты кой куы фехъусат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут — раздӕр уал хъуамӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕн».


Уыдонӕй иу, йӕ ном — Агав, сыстад ӕмӕ радзырдта, Сыгъдӕг Уд ын цы раргом кодта, уый: ӕппӕт дунейы скӕндзӕн ӕххормаг заман. Йӕ рагуац сӕххӕст кесӕр Клавдийы заманы.


Ныхӕстӕ «ноджы ма иу хатт» ӕвдисынц, цы сфӕлдыстӕуыд, уый кӕй нынкъуыстӕуыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй аивдӕуыдзӕн, цӕмӕй мыггагмӕ баззайа, ӕнӕфӕцудгӕ цы у, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan