1 Уӕд Йесо йӕ алыварс акаст ӕмӕ федта, Хуыцауы номыл лӕвӕрттӕ Кувӕндоны хӕзнадоны чи ӕвӕрдта, уыцы хъӕздгуыты.
ӕмӕ дзы рахаста Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр. Рахаста Соломоны конд сыгъзӕрин уартытӕ дӕр.
Сауджын Йехода райста асыкк, йӕ сӕрыл ын хуынкъ скодта ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны рахизфарс ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цӕуӕг адӕм цы ӕхца ӕрбахастой, уыдон-иу кулдуар хъахъхъӕнӕг сауджынтӕ уыцы асыччы ныппӕрстой.
Дунедарӕг рагацау куыд загъта, афтӕ уый Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр раласта, йӕ заманы Израилы паддзах Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн цы сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ скодта, уыдон та ныппырх кодта.
Хуыцауы Кувӕндоны ма цы дзауматӕ уыди, уыдон, стырӕй, къаннӕгӕй, стӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнатӕ, паддзах ӕмӕ йе ’лдӕртты хӕзнатӕ — иууылдӕр сӕ аласта Вавилонмӕ.
Къӕбицгӕстӕй сӕвӕрдтой сауджын Шелеми, динамонӕг Цадок ӕмӕ левит Педаиайы, семӕ ма ӕххуысгӕнӕгӕй — Хананы, Маттаниайы фырт Заккуры фырты, уымӕн ӕмӕ ӕууӕнкджын адӕмыл нымад уыдысты. Бафӕдзӕхстон сын, се ’фсымӕртӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон сын куыд уарой.
Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты».
идӕдз устытӕн сӕ хӕдзӕрттӕ хӕрынц ӕмӕ уарзынц адӕмы цӕстмӕ кувын; уӕлдай карз ӕфхӕрд баййафдзысты уыдон».
Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнадоны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Сыкъауадындзтӕ ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккодтой. Сахары систӕ сӕ бындзарӕй афӕлдӕхтысты, ӕмӕ адӕм алырдыгӕй сахармӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой.
Йешуа хӕтаг сылгоймаг Рахавы ӕд бинонтӕ ӕмӕ хӕдзаронтӕ, йе ’ппӕт хӕстӕджытимӕ сӕрӕгасӕй ныууагъта, ӕмӕ сӕ мыггаг ныр дӕр ма цӕры израилӕгты ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ Рахав уымӕй размӕ бамбӕхста, Йешуа Йерихонмӕ кӕй барвыста, уыцы сгарджыты.