7 Ӕмӕ дзуапп радтой: «Кӕцӕй, уый нӕ зонӕм».
О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.
Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».
Афтӕмӕй Ӕз адӕмтыл афӕлгӕсыдтӕн, ӕмӕ се ’хсӕн иу хуыцау дӕр нӕ разынд, зондӕй кӕй бафӕрсой, ахӕм. Никӕй сӕм федтон, кӕй бафӕрсон, ахӕм хуыцау.
Ахӕмтӕ ӕппындӕр ницы зонынц ӕмӕ ӕмбарынц: Уый сын сӕхгӕдта сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, сӕ зӕрдӕтӕ — цӕмӕй ма хатой.
Дунедарӕг мын загъта: «Дӕхицӕн райс ницӕйаг фыййауы гӕрзтӕ.
Додойаг у, йӕ дзуджы чи ныууагъта, уыцы ӕвзӕр фыййау! Йӕ къух ын кардӕй ахауын кӕнӕнт, йӕ рахиз цӕст ын дзы скъахӕнт! Йӕ къух бахуыскъ уӕд, ӕмӕ йӕ рахиз цӕст бакуырм уӕд!»
„Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нӕ адӕм дуртӕй амардзысты, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр уырны, Иоанн пехуымпар кӕй у, уый».
Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый».
Йесо йын загъта: «Ӕз ацы дунемӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕрцыдтӕн, цӕмӕй куырмытӕ цӕстӕй ракӕсой, цӕстджынтӕ та бакуырм уой».
Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты: