Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 20:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 „Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нӕ адӕм дуртӕй амардзысты, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр уырны, Иоанн пехуымпар кӕй у, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 20:6
13 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ сымах уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, уый пехуымпарӕй уӕлдӕр у.


Ӕмӕ кӕд Ироды фӕндыди Иоанны амарын, уӕддӕр тарстис адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой.


„Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц».


Ӕрцахсынмӕ Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой.


Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».


Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, уый бамбӕрстой ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.


Дӕу та, хъӕбул, схондзысты Иууылбӕрзонды пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй Йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай


Уыдон сӕхимидӕг тӕрхӕттӕ кодтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нӕ бафӕрсдзӕни: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?“


Ӕмӕ дзуапп радтой: «Кӕцӕй, уый нӕ зонӕм».


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ донаргъуыд нӕ райстой.


Бирӕ адӕм ӕм цыди ӕмӕ дзырдтой, Иоанн диссӕгтӕ нӕ равдыста, фӕлӕ, ацы Адӕймаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр ӕцӕг сты, зӕгъгӕ.


Уӕд хъахъхъӕнджыты хицау йӕ дӕлбартимӕ ацыд ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой ӕнӕ схуыстытӕй, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм сыл апостолты тыххӕй дурадзагъдӕй куы ралӕууой, уымӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan