Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 20:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Ӕмӕ сын адӕмы раз Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразын нӕ бантысти. Йӕ дзуапп сӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ ныхъхъус сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 20:26
14 Iomraidhean Croise  

Стыр хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ Даниилмӕ сӕ хъус дардтой: паддзахады ныхмӕ исты фыдракӕнд кӕд сараздзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй йӕ фӕазымджын кӕной. Фӕлӕ Даниил уыдис иузӕрдион йӕ паддзахыл, ӕмӕ йӕм сӕ бон исты аипп ссарын нӕ уыди.


ӕмӕ йӕ бафарста: „Мӕ хӕлар, ӕнӕ бӕрӕгбоны дарӕсӕй ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Уый ныхъхъус ис.


Уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст, ныууагътой Йӕ ӕмӕ ацыдысты.


Йесо Йӕ ныхасӕй саддукейты кӕй басаста, уый фарисейтӕ куы фехъуыстой, уӕд иумӕ ӕрӕмбырд сты.


Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон.


къахтой Йӕ, цӕмӕй йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.


Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты, ӕппӕт адӕм та цин кодтой Йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл.


Уӕд Йесойы аивӕй хъахъхъӕнын райдыдтой ӕмӕ Йӕм, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм мӕнгард лӕгты барвыстой, цӕмӕй Йӕ уыдон исты ныхасӕй ӕрцахсой — хицауады, ромаг бӕстыхицауы къухмӕ Йын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ.


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Уымӕн ӕмӕ ис, ӕнӕпайда ныхас чи кӕны ӕмӕ адӕмы чи фӕливы, бирӕ ахӕм хивӕндтӕ, уӕлдайдӕр сунӕтгӕндтӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan