Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 20:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Йесо сын бамбӕрста сӕ хинвӕнд ӕмӕ загъта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 20:23
16 Iomraidhean Croise  

Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ сыгъдӕг кады рухсы! Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз ӕмризӕджы нырризӕд!


Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ ӕмӕ Дзы — Йӕ бафӕлварыны тыххӕй — домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут?


Уӕд Йесойы аивӕй хъахъхъӕнын райдыдтой ӕмӕ Йӕм, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм мӕнгард лӕгты барвыстой, цӕмӕй Йӕ уыдон исты ныхасӕй ӕрцахсой — хицауады, ромаг бӕстыхицауы къухмӕ Йын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ.


Кесӕрӕн нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»


«Равдисут-ма Мӕм динар: кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон дзуапп радтой: «Кесӕры».


Йесо сын бамбӕрста сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн уӕм афтӕ кӕсы?


Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, уыцы лӕгӕн загъта: «Сыст ӕмӕ адӕмы размӕ рацу». Уый сыстади ӕмӕ адӕмы размӕ рацыди.


ӕмӕ загъта: «О хӕйрӕджы лӕппын, фӕлитой ӕмӕ налат, рӕстдзинады знаг! Бардарӕджы раст фӕндӕгтӕй адӕмы галиумӕ здахыны куыст искуы ныууадздзынӕ ӕви нӕ?


Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты.


Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты ӕнӕзонддзинад у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ фӕкӕны».


Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan