2 ӕмӕ Йӕ фарстой: «Зӕгъ-ма нын, ӕппӕт адӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Дӕуӕн уыцы бар чи радта, уый чи у?»
Уый йын афтӕ: «Чи дӕ баурӕдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй? Мӕн дӕр, мысыраджы куыд амардтай, афтӕ марынмӕ хъавыс?» Моисей фӕтарст, йӕхинымӕр загъта: «Бӕлвырд, уыцы хъуыддаг нӕ басусӕг ис».
Иу бон та Йесо адӕмы Кувӕндоны куы ахуыр кодта ӕмӕ сын Фарны Уац куы хъусын кодта, уӕд Ӕм алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ бацыдысты адӕмы хистӕртимӕ
Йесо сын загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн. Зӕгъут-ма Мын,
Уӕд Ӕй иудейӕгтӕ бафарстой: «Ахӕм бартӕ Дӕм кӕй ис, ууыл нӕ цӕмӕй баууӕндын кӕндзынӕ?»
Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй?
Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.