Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 20:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фӕлӕ йӕ ӕххуырст кусджытӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: „Ай йӕ бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ йӕ бынтӕ мах бауыдзысты“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 20:14
20 Iomraidhean Croise  

Кур, ӕмӕ дын адӕмты дӕ къухмӕ ратдзынӕн, арвы кӕрӕттӕм зӕхх дӕ бар бакӕндзынӕн.


Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Немӕ дзул кӕй нӕ райстам, уый тыххӕй нын афтӕ зӕгъы».


Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый йын кӕмӕй лӕвӕрд уыд: уӕларвӕй ӕви адӕмӕй?» Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «„Уӕларвӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд нӕ Уый бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ Иоанныл цӕуылнӕ баууӕндыдыстут?“


Сӕнӕфсир тоныны афон куы ӕрхӕстӕг ис, уӕд йӕ цагъарты йӕ тыллӕг райсынмӕ ӕххуырст кусджытӕм арвыста.


Йесо алы бон дӕр Кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ та Йӕ амарынвӕнд кодтой,


Уӕд сӕндоны хицау загъта: „Ныр куыд бакӕнон? Уӕд та сӕм мӕ уарзон фырты арвитон, кӕд уымӕй уӕддӕр фефсӕрмы уаиккой“.


Сӕндоны ӕдде йӕ фӕкодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Ныр сын сӕндоны хицау цы бакӕндзӕн?


Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ тӕккӕ уыцы сахат бӕргӕ ӕрцахстаиккой, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты.


Уыдон сӕхимидӕг тӕрхӕттӕ кодтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нӕ бафӕрсдзӕни: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?“


Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, ахӕм ӕфсон Йесойы амарынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тарстысты.


Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.


Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта — мах уымӕн ӕвдисӕн.


Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр.


Абон та, рӕстӕджыты кӕрон, Уый немӕ дзырдта Йӕ Фырты уылты, ӕппӕтӕн дӕр бындар Кӕй скодта ӕмӕ дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan