11 Арвыста сӕм ӕндӕр цагъары, ӕмӕ та уый дӕр фӕнадтой, фелгъыстой йӕ ӕмӕ йӕ афтидармӕй раздӕхтой.
Израил — зад сӕнӕфсиры зӕнг, гагаты бынӕй нал зыны. Йӕ дыргътӕ цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр нывондхӕссӕнтӕ аразы. Йӕ зӕхх цас сойджындӕр кӕны, уыйас фылдӕр — йӕ табуйаг дуртӕ.
Йӕ иннӕ цагъары сӕм арвыста, фӕлӕ йӕ сӕрыскъуыд фӕкодтой ӕмӕ йӕ ӕгады тард ракодтой.
Сӕнӕфсир тоныны афон куы ралӕууыд, уӕд ӕххуырст кусджытӕм йӕ цагъары арвыста, цӕмӕй йын йӕ тыллӕджы хай раттой. Фӕлӕ йӕ уыдон фӕнадтой ӕмӕ йӕ афтидармӕй раздӕхтой.
Арвыста сӕм ӕртыккаджы дӕр, фӕлӕ уый дӕр фӕцӕфтӕ кодтой ӕмӕ йӕ ратардтой.
Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!
Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.