Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 2:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыйадыл Фырт ныййардта. Хӕцъилты Йӕ батыхта ӕмӕ Йӕ кӕвдӕсы нывӕрдта, уымӕн ӕмӕ сӕм фысымуаты бынат не ’рхаудис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 2:7
16 Iomraidhean Croise  

Фӕндагыл ӕхсӕвиуат кӕм бакодтой, уым ӕфсымӕртӕй иу, хӕрӕгӕн холлаг раттон, зӕгъгӕ, йӕ голладжы ком райхӕлдта, ӕмӕ дзы йе ’взист куы ауынид.


ӕмӕ, фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, ӕхсӕвиуаты кӕм ӕрӕнцадыстӕм, уым нӕ голджытӕ куы байгом кодтам, уӕд нӕ алкӕй ӕвзист дӕр — чи цы бафыста, уый — йӕ голладжы разынд. Ӕмӕ уыцы ӕвзист фӕстӕмӕ ӕрхастам.


Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх мемӕ уӕнт, ӕмӕ уӕд бирӕ бонтӕ арвитдзынӕн Дунедарӕджы хӕдзары.


Фӕндагыл, ӕхсӕвиуат кӕм кодтой, уырдӕм Моисеймӕ фӕзынди Дунедарӕг ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавыд.


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Ӕмӕ йӕм ӕмгӕрон не ’рцыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт, ӕмӕ Йӕ Йосиф схуыдта Йесо.


Хъӕддӕсныйы фырт нӕу, ӕви? Йӕ мады ном Мариа нӕу, мыййаг? Йаков, Йосеф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе ’фсымӕртӕ не сты?


Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».


Бацыди йӕм, йӕ хъӕдгӕмттӕ йын сӕнӕй цӕхсадта, оливӕйы сойӕ сӕ байсӕрста, бабаста йын сӕ, стӕй йӕ сӕвӕрдта хӕрӕгыл, фысымуатмӕ йӕ баласта ӕмӕ ма йӕм уым дӕр базылди.


ӕмӕ Вифлеемы йӕ арыны афон ӕрцыд.


Уырдӕм ӕввахс, быдыры, уыдысты фыййӕуттӕ ӕмӕ ӕхсӕвы сӕ фосы дзуг хъахъхъӕдтой.


Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.


Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan