Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 2:51 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

51 Йесо рацыди семӕ, Назаретмӕ ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр касти сӕ коммӕ. Мад та уыцы цау йӕ зӕрдыл бадардта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 2:51
15 Iomraidhean Croise  

Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Йосефмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.


Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».


Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.


Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис.


Уыцы рӕстӕг Йесо ӕрцыди галилейаг Назаретӕй, ӕмӕ Йыл Иоанн донӕй саргъуыдта Иорданы.


Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.


Загътой йын: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы».


Мариа та сӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ сыл арф ныхъхъуыды кодта.


Йосиф ӕмӕ Мариа Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕппӕт дӕр куы бакодтой, уӕд раздӕхтысты Галилеймӕ, кӕм цардысты, уыцы сахар Назаретмӕ.


Йесо ацыди, кӕм схъомыл ис, уыцы Назаретмӕ. Куыд ахуыр уыди, афтӕ сабаты синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ слӕууыд Сыгъдӕг Фыстӕй бакӕсынмӕ.


Йесо сын загъта: «Сымах Мын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ӕмбисонд ӕрхӕсдзыстут: „Дохтыр, Дӕхи уал сдзӕбӕх кӕн“. Ноджы ма Мын зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цытӕ сарӕзтай, уый, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ ам, Дӕхи сахары дӕр, сараз“.


Чырыстийы тас уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийы коммӕ кӕсут.


Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan