48 Ныййарджытӕ Йӕ уым куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Мад Ын загъта: «Хъӕбул, уый нын цы бакодтай? Тынг Дыл мӕт кодтам ӕмӕ Дӕ агуырдтам Дӕ фыдимӕ».
Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.
Йесо сын загъта: «Ӕмӕ Мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, Ӕз Мӕ Фыды хӕдзары кӕй хъуамӕ уон, уый?»
Йесо Йӕ лӕггадмӕ куы бавнӕлдта, уӕд Ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Адӕм куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕмӕй Уый уыди Йосифы фырт, Йосиф та — Елиайы. Йӕ фыдӕлтӕ:
Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»
Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».