44 Уыдон ӕнхъӕлдтой, иннӕтимӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ, иу бонцау куы адард сты, уӕд Ӕй хӕстӕджытӕ ӕмӕ зонгӕты ӕхсӕн агурын райдыдтой.
Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ, Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ, стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй, о Хуыцау, мӕ Хуыцау!
Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.
Бӕрӕгбоны фӕстӕ сӕхимӕ куы раздӕхтысты, уӕд ӕнахъом Йесо баззади Йерусалимы, Йӕ ныййарджытӕ йӕ нӕ зыдтой, афтӕмӕй.
Куы никуы уыди, уӕд Йӕ агурӕг фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ аздӕхтысты.
Йесойы зонгӕтӕ, стӕй, Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ та дӕрддзӕф лӕууыдысты ӕмӕ, цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм кастысты.