Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 2:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Йесойы ныййарджытӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны ӕрвылаз Йерусалиммӕ цыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 2:41
18 Iomraidhean Croise  

Хӕрут ронбастӕй, уӕ къахыдарӕс — уӕ къӕхтыл, уӕ лӕдзджытӕ — уӕ къухы, афтӕмӕй. Хӕрут-иу тагъд-тагъд — уый Дунедарӕджы Куадзӕн у.


Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.


Афӕдз ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, раз.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, дыууӕизӕрастӕу — Дунедарӕджы Куадзӕн.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон — Дунедарӕджы Куадзӕн.


Лӕппуйыл дыууадӕс азы куы сӕххӕст ис, уӕд дӕр та иннӕ хӕттытау ацыдысты.


Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Йерусалиммӕ — сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.


Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.


Ӕрӕввахс ис иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.


Ӕрхӕстӕг ис Куадзӕн, иудейаг бӕрӕгбон.


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


Хӕр сӕ ӕрмӕстдӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот, чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй ӕмӕ дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ. Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, раз райӕд дӕ зӕрдӕ дӕ къухвӕллойӕ.


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!


Елкана йӕ бинонтимӕ ссыди Дунедарӕгӕн ӕрвылазы нывонд ӕмӕ сомыйы нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ.


Лӕг-иу алы аз дӕр йӕ сахарӕй араст ис Силоммӕ, цӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ скува ӕмӕ Йын нывонд ӕрхӕсса. Уым Дунедарӕджы сауджынтӕ уыдысты Елиа ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты, Хофни ӕмӕ Пинхас.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan